Мæ Ирыстон, куы бафсæдин
Æз зарынæй дæуыл,
Æз райгуырдтæн дæ зæрдæйæ,
Дæ цæрайæ цæрын. (2 хатты)
Ды мæн гыцциау, сабийæ,
Мæ авдæны уызтай,
Куы мæ æрвыстай ахуырмæ,
Куыд дæ, хъæбул, фыстай. (2 хатты)
Базард:
Мæ Ирыстон, дæ лæггæдтæ
Нæ бафыстон, сæттын,
Нæ бафыстон, сæттын.
Æз райгуырдтæн дæ зæрдæйæ,
Мæ зæрдæ дын дæттын.
Мæ зæрдæ дын дæттын.
Базард.
Ды хоныс мæн дæ дидинæг,
Мæ удæн уый у æнцон.
Кæд бахъæуон дæ хæрзæгæн,
Æртон-иу мæ æртон. (2 хатты)