Ирон Дигоров Дæ цæстытæ минус

00:00 / 03:13
Loading
Скачать
1
1000
Тональность
0.0
+
Темп, %
0.0
+
Тип: мастер
Свойства файла: 7,3 Мб 320 кбит/с
Загружено: kabaloti @ 19.12.16
вальс. стихи Цæгæраты Гиго
Текст песни «Дæ цæстытæ»
  
Зæрдæйы дуар дзых фæхонынц,
Дæуæн та сты дæ цæстытæ.
Мæ зæрдæ мын фæцæйтонынц,
Чызгай, æдзух дæ кæстытæ.

Нæ фембæлдтæ зынаргъ ысты,
Сæумæйæ та дыл амбæлдтæн.
Дæ цæстытæй мæм тахтысты
Сызгъæрин тынау амæндтæ.

Дæ цæстытæ куы фæхудынц,
Мæ цæсгом уæд ныррухмс вæййы.
Дæ цæстытæ куы фæдзурынц,
Æгас дуне ныхъхъус вæййы.

Дæ цæстынгас мæн ахæссы
Нæ фидæны рæсугъд фæзтæм.
Дæ цæстытæй мæм ракæсы
Нæ уарзондзинад рухс цæстæй.

Дæ цæстыты фæлмæн артæй
Хъызт зымæджы дæр атайын.
Мæ зæрдæйы рæсугъд зардæн
Дæ цæстытæ – йæ райдайæн.

Мæ зæрдæ мын фæцæйтонынц,
Чызгай, æдзух дæ кæстытæ.
Зæрджæйы дуар дзых фæхонынц,
Дæуæн та сты дæ цæстытæ
Текст добавлен: kabaloti
Добавлять комментарии могут только зарегистрированные пользователи.