Рог уддзæф рахæссынц денджызы уылæнтæ,
Мæй нын йæ мидбылты худт.
Мæ хъустыл уадысты, чызгай, дæ ныхæстæ,
Кæй уыдзæн нæ цард рæсугъд.
Припев:
☺Цъæх арвы тыгъдадæй, нæ урссæр къæдзæхтæй
Мæ зæрдæ куы райы, гъей
Дæ худгæ цæстытæй, дæ аив ныхæстæй
Мæ зæрдæ фæзары, гъей☺
Цæсты раз февзæрынц сæрдыгон изæртæ,
Фæндырдзагъд нæ Ирыл хъуыст,
Хъасты-иу агуырдтон, уарзон, дæ цæстытæ,
Æнæ дæу мæ уд-иу рыст.
Припев.
Хайджын уыдзыстæм мах фарн æмæ амондæй,
Бамбар мæ, рæсугъд чызгай
Буц дæ æз дардзынæн æмæ дын зардзынæн,
Ды дæ мæ амонд, мæ хай.
Припев.
Рог уддзæф рахæссынц денджызы уылæнтæ,
Мæй нын йæ мидбылты худт.
Мæ хъустыл уадысты, чызгай, дæ ныхæстæ,
Кæй уыдзæн нæ цард рæсугъд.
Припев.