Уый раджы уыд, куы базыдтам кӕрӕдзи
Куы ссыгъд нӕ риуы, фыццаг фендӕй уарзт
Ӕнӕ кӕрӕдзи иу бон дӕр нӕ быхстам
Фӕлӕ зылди, зылди нӕ фӕдыл маст
Уӕд иу хур бон нӕ сӕрмӕ арв ныталынг
Фӕндыры зӕлтӕ, баивта ӕрвнӕр
Хъысмӕтимӕ, кӕд чи фӕцыд хъӕбысӕй
Фӕдӕн ӕнамонд, алцӕмӕй ӕфхӕрд
Чындзӕхсӕв ӕз, ӕндӕр чызгимӕ скодтон
Ӕмӕ кӕсыс, нылхынцъытӕ мӕ цард
Дӕ фӕдыл ма, ӕдзынӕгӕй фӕкӕсын
Мӕхи аххос у басастон мӕ арт
Проигрыш:
Ӕз бинонджын, хъӕбулты фыд дӕн зоныс
Фӕлӕ ныууагътон ме ‘стыр уарзт дӕуӕн
Ӕмӕ цӕрын ӕнӕ зӕрдӕйӕ гъеныр
Кӕмӕн зӕгъон мӕ уды рисс, кӕмӕн
Проигрыш:
Цы давы уый, кӕй бамбӕрстон мӕ рӕдыд
Нӕй бинонтимӕ нӕ уарзтӕй цӕрӕн
Фӕбарын ӕз, мӕ сылы стӕджы демӕ
Ӕмӕ уынын, фӕсмойнаг дзы фӕдӕн
Тӕрсын фынӕй йӕ, ӕз дӕ ном куы сдзурон
Мӕ фӕллад удӕн, рахастон тӕрхон
Кӕд бафсӕдин, дӕ ном дзурынӕй искуы
Ӕмӕ мӕ чызгыл сывӕрдтон дӕ ном
Тӕрсын фынӕй йӕ, ӕз дӕ ном куы сдзурон
Мӕ фӕллад удӕн, рахастон тӕрхон
Кӕд бафсӕдин, дӕ ном дзурынӕй искуы
Ӕмӕ мӕ чызгыл сывӕрдтон дӕ ном