ФАРИЗӔТ
Ӕрымы хӕхты денджыжы уылӕн, эй
Йӕ фыр ӕзнӕтӕй кӕрдӕг нӕ уадзы, эй
Мӕхи Фаризӕт фӕцӕра бирӕ, э-эй
Мӕхицӕй фылдӕр куы никӕй уарзы, эй
Мӕхи Фаризӕт фӕцӕра бирӕ, эй
Мӕхицӕй фылдӕр куы никӕй уарзы, эй
Проигрыш:
Нымӕт фосы дзуг хӕххон сӕрвӕты, эй
Нымӕтӕй хизы, зӕрдӕ дзы райы, эй
Фӕлӕ Фаризӕт, дӕ уындмӕ бӕлгӕ, э-эй
Ӕнӕнцой зӕрдӕ дӕ мӕтӕй тайы
Фӕлӕ Фаризӕт, дӕ уындмӕ бӕлгӕ, э-эй
Ӕнӕнцой зӕрдӕ дӕ мӕтӕй тайы, эй.
Проигрыш:
Сауайнӕг хӕхтыл уырс ӕхсӕрзӕнтӕ, эй
Хъазгӕ зӕлгӕйӕ кӕрӕдзи сурынц, эй
Уыдон Фаризӕт мӕ циныл зарынц, э-эй
Аив зарджыты дӕ ном ӕссарынц, эй
Уыдон Фаризӕт мӕ циныл зарынц, э-эй
Аив зарджыты дӕ ном ӕссарынц, эй.
(Модуляция Сразу)
Айнӕджы сӕрмӕ ӕрвхуыз дидинӕг, эй
Уадз ӕмӕ рӕза, ӕз ӕй нӕ тонын, эй
Уарзоны сурӕт, йӕ сыфтӕй худы, э-эй
Ӕз йын йӕ ном дӕр Фаризӕт хонын, эй.
Уарзоны сурӕт йӕ сыфтӕй худы, э-эй
Ӕз йын йӕ ном дӕр Фаризӕт хонын, эй.
(Модуляция Сразу)
Райсомы ӕрфӕг хуры тынтимӕ, эй
Йӕ мидбыл худгӕ сабырӕй сы сы, эй
Цӕй ма ӕскӕнӕм нӕртон чындзӕхсӕв, э-эй
О хох быдырты, хӕхты хъӕбысы, эй.
Цӕй ма ӕскӕнӕм нӕртон чындзӕхсӕв, э-эй
О хох быдырты, хӕхты хъӕбысы, эй.
Проигрыш: (Большой)
Ӕрымы хӕхты денджыжы уылӕн, эй
Йӕ фыр ӕзнӕтӕй кӕрдӕг нӕ уадзы, эй
Мӕхи Фаризӕт фӕцӕра бирӕ, э-эй
Мӕхицӕй фылдӕр куы никӕй уарзы, эй
Мӕхи Фаризӕт фӕцӕра бирӕ, э-эй
Мӕхицӕй фылдӕр куы никӕй уарзы, эй
Мӕхицӕй фылдӕр куы никӕй уарзы, эй
Мӕхицӕй фылдӕр куы никӕй уарзы, э-э-э-э-эй.