Алла Хадикова Мӕ дзӕбӕх дзыцца минус

00:00 / 03:21
Loading
Скачать
1
1595
Тональность
0.0
+
Темп, %
0.0
+
Тип: ориг + бэк
Свойства файла: 7,6 Мб 320 кбит/с
Загружено: ArAbaev @ 06.10.18
Текст песни «Мӕ дзӕбӕх дзыцца»
  
Мӕ дзӕбӕх дзыца, мӕ хорз ныййарӕг, эй.
Мӕ фидар ныфс дӕ, мӕ цин, мӕ зарӕг, эй.
Низ дӕм хӕстӕг дӕр нӕ бауаддзынан,
Мӕ царды хӕрзтӕй, дӕу бафсаддзынӕн, эй. 

Дӕ фӕлмӕн хъӕбыс, мӕ уарзты авдӕн
Дӕ рӕссугъд цӕсгом, мӕ азты айдӕн, эй.
Дӕ зӕрдӕйы хъарм, мӕ арты зынг у,
Дӕ армы тъӕпӕн, мӕ царды фӕнд у, эй.  (1 раз)

Дӕ уӕздан ныхас, хӕрз фынтӕ дӕттӕг, эй.
Дӕ фӕлмӕн ӕнгас, мӕ зынтӕ сӕтты. 
Дӕ къухты фӕллой, бӕркӕтты къӕбис,
Дӕ удмӕ кӕсын, зӕрдӕты бӕллиц, эй.

ПРОИГРЫШ*

Дӕ сыгъдӕг зондмӕ, тӕхуды кӕнӕм, эй.
Дӕ хъӕлдзӕг дзырд мӕ, фӕхудын кӕны, эй.
Дӕ конд бӕгӕны, сыгъдӕг алутон,
Дӕ мидбылты худт, вӕййы мӕ рухс бон, эй.

Мӕ дзӕбӕх дзыца, мӕ хорз ныййарӕг, эй
Мӕ фидар ныфс дӕ, мӕ цин, мӕ зарӕг, эй.
Низ дӕм хӕстӕг дӕр нӕ бауаддзынӕн,
Мӕ царды хӕрзтӕй, дӕу бафсаддзынӕн, эй.
Текст добавлен: ArAbaev
Добавлять комментарии могут только зарегистрированные пользователи.