Римма Илурова Арфа уын канын минус

00:00 / 02:55
Loading
Скачать
1
3633
Тональность
0.0
+
Темп, %
0.0
+
Тип: нейро-минус (нейромастер) + бэк
Свойства файла: 6,6 Мб 320 кбит/с
Загружено: Crusher @ 28.02.17 16.09.21
Текст песни «Арфа уын канын»
  
Муз. народная
Сл.К.Хутугова

Уӕларвы дуар нын куы байгом вӕййы Хуыцауы кӕртмӕ, гъей!
Уӕд дзы ды феныс ирон зӕдты фӕд дӕхи хӕдзармӕ, гъей!
Сызгъӕрин фестат, мӕнӕ хорз адӕм, Хуыцауы зӕдтӕ, гъей!
Сымах ӕз хонын нӕ ирон зӕххыл нӕртон барджытӕ, гъей!
Амонды дзуар уын Хуыцауы кӕртӕй лӕвӕрттӕ рвиты, гъей!
Зӕххы къори дӕр уӕ номы кадӕн ӕнусты зилы, гъей!

О лӕгты рухс дзуар, уӕлӕрвты тӕхӕг, нӕ Ир дӕ бадӕн, гъей!
Фӕрныг бинонты уарзон хъӕбулты дӕ уазӕг бакӕн, гъей!
Мах хайджын фестӕм дӕ бирӕ хӕрзтӕй фӕрныг хӕхбӕсты, гъей!
Зарӕг айзӕлди сойджын сӕрвӕтты дӕ лӕгъз ныхӕсты, гъей!

Хӕххон фидиуӕг урсбазыр цӕргӕс ыстӕх уӕларвмӕ, гъей!
Куыд нӕ фӕхона дӕ цъӕхснаг хъӕлӕс арвуылты цардмӕ, гъей!
Куыд никуы хъуыса ӕфхӕрӕн ныхас бӕрзонд тыгъдадӕй,гъей!
Уӕздан ныхасӕй ӕнӕнцой зӕрдӕ фервӕзы мастӕй, гъей!

Нӕ рагфыдӕлтӕн сӕ зондджын ныхас зарӕджы сӕр у, гъей!
Уарзон кӕстӕртӕн нӕ хӕлӕг кодтой сӕ рӕсугъд ӕгъдау, гъей!
Кӕдӕм сӕ кодтой сӕ зонд, сӕ хъару ӕрфӕны фӕдау, гъей!
Уым иу ныккодтой фыдӕлты намыс кӕстӕртӕ нӕвгъау, гъей!
Текст добавлен: Zerassa
Добавлять комментарии могут только зарегистрированные пользователи.