Шота Багаеты Сидзæргæс минус

00:00 / 04:04
Loading
Скачать
0
816
Тональность
0.0
+
Темп, %
0.0
+
Свойства файла: 3,7 Мб 128 кбит/с
Загружено: kabaloti @ 19.11.16
Текст песни «Сидзæргæс»
  
Халон баргъæвст сындзыл.
Уæд тымыгъ хæссы...
Сау айнæджы рындзыл
Нары хъæу хуыссы...

Даргъ æхсæв фыдбонæй
Цард-удæн хуыздæр...
Рухс цæуы кæронæй,–
Бадынц ма кæмдæр...

Ма дис кæ йæ бадтыл! –
Цуайнаджы уæл хъус
Архайы йæ артыл
Иу саударæг ус.

       Артдзæсты кæрæтты,
       Фæныкмæ æнгом
       Бадынц сывæллæттæ,–
       Чи бæгънæг, чи гом...

       – Ма кæут, мæ хуртæ,–
       Дзуры сæм сæ мад,–
       Афыцой хъæдуртæ...
       Абадут æнцад!..

Проигрыш.

Митæйдзаг æхсæлы
Мары фæздæгæй...
Цæсты сыг ызгъæлы
Агмæ сусæгæй...

Хурхмæ схæццæ хъарæг:
«Дудгæ фæбада
Зæйы бын нæ дарæг,
Мах чи фæсайдта!..

Буц хъæбул дæм дзуры,–
Сфæлмæцыд йæ мад,–
Махæн дæр дæ цуры
Сцæттæ кæн бынат!»

       Артдзæсты кæрæтты,
       Фæныкмæ æнгом
       Бадынц сывæллæттæ,–
       Чи бæгънæг, чи гом...

       – Ма кæут, мæ хуртæ,–
       Дзуры сæм сæ мад,–
       Афыцой хъæдуртæ...
       Абадут æнцад!..

Проигрыш.

Бафæллад кæуынæй
Бинонты кæстæр,–
Къонайыл æрфынæй
Адæмы хуыздæр!

– О, гыцци кæд уыдзæн?
Райс-ма, цæй, дæ аг!..
– Абадут!.. Фæуыдзæн
Алкæй дæр йæ фаг...

Аг кæлы йæ былтæй,–
«Хъæдуртæ» фыцынц...
Алы ран тымбылтæй
Сидзæртæ хуыссынц...

Кода…………
Текст добавлен: kabaloti