Соуло S Райгуран захх минус

00:00 / 03:25
Loading
Скачать
0
676
Тональность
0.0
+
Темп, %
0.0
+
Свойства файла: 3,1 Мб 128 кбит/с
Загружено: 12.02.13
Текст песни «Райгуран захх»
  
Бæстæтæ бирæ сты, дуне — уæрæх,
Цард цы рӕвдауы фæрнæй.
Фæлæ дӕ хуызӕн, мӕ Райгуырæн зæхх,
Ацы стыр дунейыл нӕй

Припев
Балцы уон искуы, хæстæг æви дард,
Амонд мæ хурмæ хæссы. 
Æмæ Ирыстон цыма у мæ мад,
Афтæ мæ фæдыл кæсы.

Припев
Балцы уон искуы, хæстæг æви дард,
Амонд мæ хурмæ хæссы. 
Æмæ Ирыстон цыма у мæ мад,
Афтæ мæ фæдыл кæсы.

Бауарзтон раджы нæ фæндыры цагъд,
Ме уæнгты рог цин зылди.
Арвæн йæ бæрзæндты урс цæргæс тахт,
Уый кæд мæ зæрдæ уыди.

Припев
Балцы уон искуы, хæстæг æви дард,
Амонд мæ хурмæ хæссы. 
Æмæ Ирыстон цыма у мæ мад,
Афтæ мæ фæдыл кæсы.

Ирæн йæ куывды бон — цин æмæ хъазт,
Амонд Хуыцауæй куырдтон.
Ам æз мæ сыгъдӕг, мӕ сызгъæрин уарзт
Дзуӕрдтӕн иронау дзырдтон.

Припев
Балцы уон искуы, хæстæг æви дард,
Амонд мæ хурмæ хæссы. 
Æмæ Ирыстон цыма у мæ мад,
Афтæ мæ фæдыл кæсы.
Афтæ мæ фæдыл кæсы.
Текст добавлен: el lka
Добавлять комментарии могут только зарегистрированные пользователи.