Владимир Баллаев Кубады минус

00:00 / 02:44
Loading
Скачать
2
2323
Тональность
0.0
+
Темп, %
0.0
+
Свойства файла: 2,5 Мб 128 кбит/с
Загружено: 01.12.12
  
Сæрдæй, зымæгæй, 
Гуыбыр, тызмæгæй, 
Йæ кæрцы мидæг, 
Ныхасы бады 
Зæронд Хъуыбады, 
Нæ фæндырдзæгъдæг... 

Кæйдæр дзæгъæлзад, 
Лæппуйæ баззад 
Йæ сау бындурыл... 
Кæдæм-иу бафтыд, 
Уым-иу фæкафыд 
Кæрдзыны мурыл... 

Бæгьнæг, бæгъæввад, 
Ыстонг, уысмæн над 
Хуыцауы рæстæй! 
Цъыфæй ныррæсыд, - 
Хæфсытæ уасыд 
Йæ къахы скъуыдтæй... 

Бын бауай, иунæг, 
Дзыллæтæй иу лæг 
Кæй нæ рæвдыдта! 
Фæсмон фæкæна, 
Мæрдты дзыназа, 
Дæу чи ныййардта!.. 

Дæу урс æхсырæй, 
Дæу худгæ-хурæй 
Чи нæ бафсæста! 
Дæу цардуалдзæджы 
Йæ хъарм хъæбысы 
Чинæ ауызта! 

Фыййау куы уыди, 
Уæд-иу хуыссыди 
Тæдзгæ-ыскъæты; 
Мит-иу куы уарыд, 
Уæд-иу ныззарыд 
Къæдзæхлæгæты... 

Уæд фос куыд уарзта? - 
Фæсал цын ласта 
Иæ салд æрчъийæ!.. 
Йæ зард нæ уагъта, - 
Фæндыр ыскъахта 
Бæрзбызычъийæ... 

Бæрзонд урс хæхтæ, 
Æнкъард къæдзæхтæ, 
Æгомыг бæлас 
Фыййауы уарзынц 
Æмæ йын зарынц 
Сæ сусæг ныхас. 

Цæргæсы бæллын, 
Уæларвы нæрын, 
Дымгæйы хъарæг, 
Цæф сæгуыты маст, 
Æхсæрдзæны хъазт - 
Фыййауы зарæг... 

Фæскъæвда хур бон 
Уымæл ривæддон, 
Рæсугъд хизæнтæ, 
Æфсæст фосы дзуг, 
Сæрибары дуг - 
Фыййауы сæнттæ. 

Фæлæ нæ амонд 
Æнæ сæрнывонд 
Нæ хæссы бирæ! - 
Æнæ аххосæй 
Фыййауы фосæй 
Нæ хæссы бирæгъ! 

Æмбаргæ фыййау 
Иæ фосы рæгъау 
Нымадæй дары, 
Фæлæ Хъуыбады 
Йæ фоснымады 
Фынддæс нæ ары... 

Кæм цæ агура? 
Кæмæй цæ кура? - 
Хъæр цæ кæм уæнды! 
Лæгдзарм тæнæг у, 
Æлдар фыдлæг у, 
Мæлын кæй фæнды?.. 

Фæлидзон, загъта... 
Йæ фос фæуагъта 
Хъæу-сæр уæзæгыл, 
Йæхæдæг алыгъд, 
Дыгурмæ ахызт 
Адай-æфцæгыл... 

Ирæй, Кæсæгæй, 
Фæндырдзæгъдæгæй 
Кæм нæ фæхатти? 
Цытджын Калачы 
Иæ зарды руаджы 
Сæндæтты бадти. 

Иæ хорз зарджытæн, 
Иæ хорз кадджытæн 
Кæрон кæм уыди? 
Æнæ фæхудгæ, 
Æнæ фæкæугæ 
Цæм чи лæууыди?!. 

Йæ къах нæ фæллад, 
Йæ зард нæ фенад 
Иæ цæугæ-царды... 
Æрмæст нæ хъæумæ 
Куырмæй фæстæмæ 
Æрцыд Хъуыбады... 

Сæрдæй, зымæгæй, 
Гуыбыр-тызмæгæй, 
Йæ къæрит кæрцы 
Ныхасы бады 
Зæронд Хъуыбады, - 
Нæ йæ зоныс, цы?..
Добавлять комментарии могут только зарегистрированные пользователи.