Феликс Царикати Æнæ дæу Ожидает модерации

00:00 / 02:30
Loading
Скачать
0
6
Тональность
0.0
+
Темп, %
0.0
+
Тип: ориг
Свойства файла: 5,7 Мб 320 кбит/с
Загружено: nunogomes @ 05.04.23
без бэков
Текст песни «Æнæ дæу»
  
Цæрикъати Феликс
Гæздæнти Болати музыкæ
«Æнæ дæу»

Æнæ дæу ниттаруй хори рохс,
Не ’гъусуй мæргътитæн сæ зар.
{Æнæ дæу уалдзигон тæвдæ бон
Ку фестуй зумæгон уазал.} x2

Æнæ дæу не ’рæзуй дидинæг,
Рæсугъд дон фæззиннуй лæкъун.
{Æнæ дæу а рæсугъд дуйнебæл
Ке фæндуй райдзæстæй цæрун?} x2

Æнæ дæу мæргъти зар – гъарæнгæ,
Зæрбатук мæмæ къæсуй цъеусор.
{Æнæ дæу мæ зæрди едæгтæ
Кæнунцæ бонæй бонмæ сор.} x2

Æнæ дæу ци ’схонон мæ царди?
Æнæ дæу ку дæн æз цагъар.
{Æнæ дæу хуæнхтæ ’ма будурти
Игъусуй гъарæнгау мæ зар.} x2

Æнгъæлмæ кæсун æз дæ уарзтмæ,
Нæ зæгъун нурмæ дин хуæрзбон.
{Æнæ дæу, базонæ, а дуйнебæл
Не ’суодзæй фæццæрун мæ бон.} x2

Æнæ дæу, базонæ, а дуйнебæл
Не ’суодзæй фæццæрун мæ бон.
Текст добавлен: nunogomes