Валерий Сокуров Айт айт лæппутæ минус

00:00 / 03:09
Loading
Скачать
2
3451
Тональность
0.0
+
Темп, %
0.0
+
Свойства файла: 7,2 Мб 320 кбит/с
Загружено: 17.10.12
Текст песни «Айт айт лæппутæ»
  
Райсомы бонмæ ма кæсут,
Райсом цы уыдзæн, чи зоны…
{Джызæлы уынгты ауайут,
Амонд æрцахсут идонæй.} х2

Дысоны бонмæ ма здæхут,
Цардæн куынæ ис уромæн.
{Джызæлы уынгты ауайут,
Гæрахтæ кæнгæ ливорæй.} х2

Базард:
Гъæйтт-гъæйтт, лæппутæ, абоны
Сыр-сыр кæнгæйæ бæгæны,
Ма йæ ныууадзут райсоммæ
Сынкыздзæни дзæгъæлы.
Гъæйтт-гъæйтт, лæппутæ, абоны
Цъыс-цъыс кæнгæ физонæг,
Ма йæ ныууадзут райсоммæ
Фасмон кæндзыстут
фидæныл.
Гъæйтт-гъæйтт, лæппутæ, абоны
Лæпп-лæпп кæнгæйæ чъиритæ,
Ма сæ ныууадзут райсоммæ
Акувут сæ хистæртæ.

Рæсугъд чызджытæм ма кæсут,
Фыдуындтæ, дам, фылдæр ысты.
{Джызæлæй чызг æрбахæссут,
Уæ цардæй исты фендзыстут.} х2

Мæлæты бонмæ ма кæсут,
Дардæй фæтæвды зарджытæй.
{Джызæлы уынгты ауайут,
Амдзæгъд лæппутæ кафджытæн.} х2