Минӕвар Зӕдты чындзӕхсӕв минус

00:00 / 04:08
Loading
Скачать
1
1000
Тональность
0.0
+
Темп, %
0.0
+
Тип: ориг
Свойства файла: 9,4 Мб 320 кбит/с
Загружено: ArAbaev @ 06.10.18
Текст песни «Зӕдты чындзӕхсӕв»
  
Фсатийы буц чызг Мӕдинӕ, омӕй рӕсугъддӕр кӕм уыд
Иу бон йӕм йе мсӕр зӕдтимӕ уастырджи курӕг фӕзынд (2 раза)

Барджыты цин ӕмӕ дугъӕй кӕрдӕгӕм ризӕджы рыст
Уастырджи уырсбарц ӕфсургъӕй  Фсатийы дуармӕ ӕрхыст (2 раза)

Мады дзуар хурварс кӕм бадти, зӕдтӕ уым сарӕстой хъаст
Уазджытӕм зӕронд ӕфсати митбылты худгӕйӕ каст

Проигрыш:

Разгӕмдты рацыд Бӕдинӕ, диссаг йӕ бакаст йӕ конд
Зӕдтӕ сӕ ног чындзы цинӕй систой сӕ зарӕг бӕрзонд (2 раза)

Циндзинад зарӕгӕй каджын йе гъдауӕй намасджын лӕг
Елия  чындзы ӕмдзуарджын уацилла къухыл хӕцӕг

Проигрыш:

Симынц нӕртон симдӕй зӕдтӕ. Дзуайнӕгты нард сырф нарсы
Рог дымгӕ арвы бӕрзӕндтыл фӕндыры зӕлтӕ хӕссы.

Бон ӕмӕ ӕхсӕвы арӕн, мӕй йӕ фӕлмӕн рухс калы
Ждуджы зӕрин мады майрӕм зӕдты фӕндараст кӕны (2 раза)

Уыцы бон иры цы гъдау уыд уый нӕ чындзӕхсӕвты уад
Цард нӕ йӕ сызгъӕрин науы амонды фурдмӕ хӕссӕд

Проигрыш:
Уыцы рӕссугъд боны хъармӕй зӕхх цыма хъарм у ныр дар

Зӕдтӕ мӕ дауджыты фарнӕй ирыстон цӕр ӕмӕ цӕр (3 раза)
Текст добавлен: ArAbaev
Добавлять комментарии могут только зарегистрированные пользователи.