Автор текста (слова) – Галуанты Л.
Композитор (музыка) – Харебаты Т.
Мæ Ирыстон
Мæ Ирыстон, куы бафсæдин
Æз зарынæй дæуыл,
☺ Æз райгуырдтæн дæ зæрдæйæ,
Дæ цæрайæ цæрын. ☺ (2 хатты)
Базард:
Мæ Ирыстон, дæ лæггæдтæ
Нæ бафыстон, сæттын,
Нæ бафыстон, сæттын.
Æз райгуырдтæн дæ зæрдæйæ,
Мæ зæрдæ дын дæттын.
Мæ зæрдæ дын дæттын.
Ды мæн гыцциау, сабийæ,
Мæ авдæны уызтай,
☺ Куы мæ æрвыстай ахуырмæ,
Куыд дæ, хъæбул, фыстай. ☺ (2 хатты)
Базард.
Ды хоныс мæн дæ дидинæг,
Мæ удæн уый у æнцон.
☺ Кæд бахъæуон дæ хæрзæгæн,
Æртон-иу мæ æртон. ☺ (2 хатты)
Базард.