Алла Хадикова Дыууае уды минус

00:00 / 03:07
Loading
Скачать
0
378
Тональность
0.0
+
Темп, %
0.0
+
Тип: ориг
Свойства файла: 4,2 Мб 192 кбит/с
Загружено: kabaloti @ 11.11.16
музыка Воложанин Евгений
Текст песни «Дыууае уды»
  
Мæ сæфт амонд, дæумæ цæуын фæдисы,
Дæуыл зарын мæ зарджыты хуыздæр,
Дæ фæндагмæ æз рухс тынтæ æлвисын,
Дæ амондæн нывонд кæнын мæ сæр.
Стъалытæ бæрзонд арвыл куы хъазой,
Уæд дард хъуысы æхсæрдзæнты нæрын,
Дыууæ уды кæрæдзийы куы уарзой,
Уæд а зæххыл æнцондæр у цæрын.
Мæ хуры хай, кæм дæ, цы ран, цы бæсты
О, курын дæ – ыстъалыйау фæзын,
Фæзын æмæ дæ арфæйаг ныхастæй,
Фæсур мæ хур мæ сонт зæрдæйы зын.
Мæ хуры хай, мæ цин æмæ мæ катай,
Æртæ хурау дæ размæ хæстон æз,
Фæлæ кæсын дæ фæстæ ныр æнкъардæй
Мæ цæстытыл æрмынæг и дæ хуыз.
Æви кæд нæй хъысмæты карзæй лидзын,
Æви дын кæд мæ уарзт æртхæрæн нæу,
Цæргæбонты дæу сурдзынæн мæхицæй,
Цæргæбонты æз агурдзынæн дæу.
Текст добавлен: kabaloti
Добавлять комментарии могут только зарегистрированные пользователи.