Альбина Секинаева Бинонты масыг минус

00:00 / 03:47
Loading
Скачать
1
1015
Тональность
0.0
+
Темп, %
0.0
+
Тип: ориг
Свойства файла: 5,2 Мб 192 кбит/с
Загружено: soslan1984 @ 02.05.16
Текст песни «Бинонты масыг»
  
[1 куплет]:
Мӕ уӕздан фыд, ӕз дӕн мӕ цардӕй разы,
Дӕ амондӕй мӕ с`буц кодта хуыцау.
Ӕмӕ дӕ цыма дун-дуне дӕр уарзы,
Дӕ зарӕггӕнӕг де`рфыгцӕст чызгау.

Ӕз дӕ уынын, цӕвӕгӕй хорз куыд карстай,
Куыд ластай хъӕдӕй дзагсуджы уӕрдон,
Уӕдтӕр иу мӕн дӕ фӕллад къухтыл хастай,
Уӕддӕр иу хур дӕ цӕстыты уыдтон.

Припев:
Мӕ кадджын фыд – ды бинонты мӕсыг дӕ,
Дӕ ном дзуры мӕ фӕндыры хъӕлӕс,
Дӕуимӕ ӕз ирон зӕххыл хъӕздыг дӕн,
Нӕ ирон зӕххыл базыргджын дӕн ӕз.

Проигрыш:

[2 куплет]:
Изӕрыгон къӕсӕрыл иу куы рбадтӕ,
Сызгъӕрин мӕй йӕ дзаг цӕстӕй фӕкаст.
Уӕд иу дын мах нӕ зӕрдӕйы уаг хадгай,
Нӕ гыццыл кӕрты ацарӕстам хъаст.

Фӕндырдзагъдмӕ къахфындзтӕ иу ӕрсахтай,
Ӕндӕр цин ма дӕ цотӕй уӕд кӕй хъуыд.
Уӕд иу нын, Дада, мидбыл худгӕ захтай,
«Чызджытӕ, ох. Мӕ фӕллад ныр ӕссыд.»

Припев:
Мӕ кадджын фыд – ды бинонты мӕсыг дӕ,
Дӕ ном дзуры мӕ фӕндыры хъӕлӕс,
Дӕуимӕ ӕз ирон зӕххыл хъӕздыг дӕн,
Нӕ ирон зӕххыл базыргджын дӕн ӕз.

Проигрыш:

[3 куплет]:
Мӕ Мад цыма ӕнцад цӕугӕдон, автӕ.
Мӕ зынаргъ Фыд та урсхохы хуызӕн.
Уӕ дыууӕйӕн дӕр арфӕ кӕнын, арфӕ,
Зӕрдӕйы фарнӕй срӕссугъд кодтат мӕн.

Припев:
Мӕ кадджын фыд – ды бинонты мӕсыг дӕ,
Дӕ ном дзуры мӕ фӕндыры хъӕлӕс,
Дӕуимӕ ӕз ирон зӕххыл хъӕздыг дӕн,
Нӕ ирон зӕххыл базыргджын дӕн ӕз.

Дӕуимӕ ӕз ирон зӕххыл хъӕздыг дӕн,
Нӕ ирон зӕххыл базыргджын дӕн ӕз… [3 раза]:
Текст добавлен: ArAbaev