песня на осетинском языке
автор слов и музыки Туган Туаев
Амонды суадон
Арвыл тæмæн калгæ рацыди
Йæ бынат бацахста мæй
Ног чындз йæ мидбылты бахудти
Йæхицæй рæсугъддæр нæй.
Ахсæв та уарзæтты сбуц кæндзæн
Йæ цæстæнгасæй мæй
Ахсав та уарзæттæ нуаздзысты
Амонды суадонæй
Уарзæттæн дуне нæ фаг кæны
Амондæй бафсæдæн нæй
Амонды суадонæй аходы
Ацы æхсæв махимæ мæй
Ахсæв нæ цæстытæ æрттивдзысты
Сæ мидæг худздзæн мæй
Ахсæв нæ дойны суадздзыстæм
Амонды суадонæй
Курын дæ, курын дæ баууæнд мыл
Дæуæй мын зынаргъ дæр нæй
Цин кæнæм ахсæв нæ амондыл
Цин кæны махимæ мæй
Ахсæв та уарзæтты сбуц кæндзæн
Йæ цæстæнгасæй мæй
Ахсав та уарзæттæ нуаздзысты
Амонды суадонæй
Ахсæв нæ цæстытæ æрттивдзысты
Сæ мидæг худздзæн мæй
Ахсæв нæ дойны æсуадздзыстæм
Амонды суадонæй